Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын, де ’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 4:7
18 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ Дӕ курын, куырыхон зонд ӕмӕ мын зонындзинӕдтӕ ратт, цӕмӕй ацы адӕмӕн разамынд дӕттынмӕ сарӕхсон. Науӕд кӕй бон суыдзӕн Дӕ бирӕ адӕмӕн хицауиуӕг кӕнын?»


Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.


куы йӕм бӕллай, ӕвзистау ӕй куы агурай,


Мӕнгдзинады фӕрцы йӕхицӕн мулк чи самал кӕны, уый тагъдивгъуыйаг уддзӕфы, мӕлӕты фӕдыл зилы.


Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.


Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил, цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн, дӕхи сыл ма атигъ кӕн.


Ӕз фӕзындтӕн раджы, заманты размӕ, дуне сфӕлдисыны агъоммӕ.


кӕмӕндӕр нӕ — ӕрдхорд, нӕ — ӕмбал, нӕ йын — фырт, нӕ — ӕфсымӕр, афтӕмӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕвӕлмӕцгӕйӕ кусы, фӕлӕ ӕфтиаджы фыдӕй, кӕм ӕрлӕууа, уый нӕ зоны. Цӕмӕн ӕмӕ кӕмӕн кусы, уый бӕрӕг нӕй. Уый дӕр та аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый дӕр!


Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.


хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Уый нӕ, фӕлӕ, тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд — Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд — ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan