Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕлзонды хӕзнатӕ агур, зондагурӕг зил, цы дын загътон, уыдӕттӕ ма ферох кӕн, дӕхи сыл ма атигъ кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 4:5
17 Iomraidhean Croise  

Иосиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, уый фӕндагыл цыди ӕмӕ дзы йӕхи нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхта.


Ӕз Ын Йӕ фӕндагыл фидар хӕцын, ничердӕм дзы здӕхын;


Дӕ ном сын рох кӕнын нӕ бауадздзынӕн фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, адӕмтӕ Дӕ стаудзысты мыггагӕй мыггагмӕ.


Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.


Ӕдылыйы та ’хцайы хызын цӕмӕн хъӕуы? Зонд дӕм куынӕ уа, уӕд уӕлзонд нӕ балхӕндзынӕ.


Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны, раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы.


Зондагурӕг чи зилы, уый йӕ удыл тыхсы; уӕлзонд чи хъахъхъӕны, уый фарн ссары.


Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.


Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —


Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын, де ’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.


Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan