25 Дӕ цӕстытӕй размӕ кӕс, дӕ цӕстӕнгас размӕ сараз.
Мӕ цӕстытимӕ баныхас кодтон, сылгоймагмӕ ӕнӕфсарм каст кӕй нӕ бакӕндзынӕн.
Зондцух йе ’дылы митыл цин кӕны, зондджын раст фӕндагыл цӕуы.
Ӕнӕхуыцауӕн йӕ хуыз къӕйных у, рӕстуд йӕ фӕндагыл фидар хӕцы.
Искӕй устытӕм бакӕс-бакӕс кӕндзынӕ, дӕ зӕрдӕйы чъизи хъуыдытӕ фӕзындзӕн.
хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.
Сайӕн ныхас ма ссӕуӕд дӕ дзыхӕй, мӕнг ныхас де ’взагӕй фӕсур.
Дӕхицӕн раст фӕндаг айгӕрд, ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыдзысты ӕдас.
Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар иууылдӕр рухс уыдзӕн.