23 Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Фӕлӕ Йегу йӕ уды ӕппӕт хъарутӕ нӕ лӕвӕрдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕзмыдта Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ, уыйау Израилы адӕмы кодта тӕригъӕдты амӕттаг.
Хӕрзӕгъдау сылгоймаг — кадджын, куыстуарзаг лӕг — хъӕздыг.
Йӕ дзыхыл хӕцын чи зоны, уый йӕ цард хъахъхъӕны, рӕузонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый йӕхи фесафдзӕн.
Рӕстудты фӕндаг фыдбылызӕй бахизы; йӕ фӕндаг чи хъахъхъӕны, уый йӕ уд бавӕры.
Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Мӕ лӕппу, хъусгӕ кӕн ӕмӕ куырыхон у, дӕ зӕрдӕ раст фӕндагмӕ сараз.
Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.
Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.
Куырыхон зонды райдиан — уӕлзонд агурӕг зилын, де ’ппӕт исбонӕй дӕр зонд балхӕн.
фӕлӕ йӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нал вӕййы, йӕ мулк ӕрбайсӕфы, ӕмӕ йӕ фыртӕн бынтӕ нӕ ныууадзы.
Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?
Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.
Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.
Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фыдӕвзарӕны ма фӕцудат. Уд фидар у, буар та — лӕмӕгъ».
Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй ӕддӕмӕ хорзӕй исты рахӕссы, фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй — фыдӕх. Уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕйы цы ис, дзыхӕй дӕр уый цӕуы.
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,