22 уымӕн ӕмӕ уыдон, чи сӕ схайджын ис, уымӕн цард дӕттынц, ӕгас буарӕн — ӕнӕниздзинад.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Уыдоны фӕрцы цӕрдзынӕ, дӕ хъуырыл сӕ бакӕндзынӕ фӕрдгуытау.
уӕд дӕ буар уыдзӕн ӕнӕниз, де стӕг — фидар.
Мӕ лӕппу, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм, дӕ зӕрдӕмӕ сӕ айс ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзынӕ.
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Чи мӕ ссардта, уый схайджын ис цардӕй ӕмӕ Дунедарӕджы хорзӕх айсдзӕни.
Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.