20 Мӕ лӕппу! Байхъус мын мӕ ныхасмӕ, мӕ ныхӕстӕм мын байхъус лӕмбынӕг.
Мӕ хӕрзтӕ мын фидынц фыдӕй, мӕ амарыныл архайынц.
Асафы псалом. О Хуыцау! Муртаттӕгтӕ ӕрбабырстой Дӕ зӕхмӕ, Дӕ уаз Кувӕндон фӕчъизи кодтой, Йерусалимы дур дурыл нал ныууагътой.
Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ.
дӕ хъус куы ’рбадарай уӕлзондмӕ, дӕ зӕрдӕ зонды ’рдӕм куы саразай,
уыдон дын дӕ зӕрдыл дарын ӕхсызгон уыдзӕн, уадз, ӕдзухдӕр де ’взагыл бадой.
Мӕ лӕппу, байхъус мӕ куырыхон зондмӕ, дӕ хъус мӕм ӕрбадар,
Мӕ лӕппу, мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ма ферох кӕн.
Ӕрбайхъусут Мӕм ӕмӕ Мӕм ӕрбацӕут! Кӕсут Мӕ коммӕ ӕмӕ цӕрат! Ӕз мыггагмӕ бафидаудзынӕн уемӕ ӕмӕ, Давидӕн зӕрдӕ цы хорзӕхтӕй бавӕрдтон, уыдон бахай кӕндзынӕн сымахӕн дӕр.
Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».