19 ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
ӕмӕ расыг лӕгтау, уырзӕй сгаргӕ, сӕудары, ӕнӕ рухсӕй фӕхилынц.
Рухсӕй йӕ талынгмӕ тӕрынц, цӕмӕй ацы зӕххыл мауал уа.
Боныгон сыл саудалынг ӕртыхсы, бон-сихорафон, цыма ӕхсӕв у, уыйау, куырмӕджы цӕуӕгау, цӕуынц.
Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм, цӕмӕй Израилы номӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!»
талынг фӕндӕгтыл цӕуыны мондагӕй, раст фӕндаг чи ныууагъта,
Мӕнгард лӕгӕн йӕ фӕндагыл — сындзытӕ ӕмӕ ахсӕн хызтӕ, йӕ цард чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг талынг ӕмӕ бырынцъаг суыдзӕн; фесхойдзысты сӕ, ӕмӕ зӕхмӕ ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ, сӕ тӕрхоны аз куы ралӕууа, уӕд сын фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».
Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»
Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ дунейы рухс нӕ уыны».
Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.
Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый та талынджы ис, йӕ фӕндаг талынг у, ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны, уымӕн ӕмӕ йӕ талынг бакуырм кодта.
Иузӕрдионты фӕндаг Йӕ фӕдзӕхст у, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты тары, уымӕн ӕмӕ лӕгӕн йӕхи хъомыс ницы у.