15 фӕзил дзы, ма йыл цу, аздӕх, ацу йӕ рӕзты.
дӕ тӕригъӕдтӕй куы фервӕзай, дӕ цатырты аипджынӕй куы ницыуал ныууадзай,
Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.
Дӕхи хиз галиу тӕрхон рахӕссынӕй, ӕназым ӕмӕ рӕстаджы ма амарын кӕн — ахӕм фыдгӕнӕг Мӕ азарӕй нӕ аирвӕздзӕн.
Мӕ лӕппу, ма-иу ацу семӕ, дӕхи хиз сӕ фӕндагӕй,
Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се ’хсӕнмӕ ма тырн,
Ӕнӕхуыцӕутты фӕндагыл ма ныллӕу, фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ацу,
Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.
Дӕхи дзы хъахъхъӕн, ӕввахс ма цу йӕ къӕсӕрмӕ,
сычъийау дӕхи ратон сурджытӕй, маргъау къӕппӕгӕй ратӕх.
Ӕрмӕстдӕр уый бон, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, ӕдзух йе ’взаг рӕстдзинад кӕмӕн дзуры, мулк скӕныны охыл искӕй чи не ’фхӕры, гӕртӕмттӕ чи нӕ исы, туг ныккалыны уынаффӕтӕ чи нӕ хӕссы, хӕрам митӕ ӕнӕуынон кӕмӕн сты.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр.