14 Ӕнӕхуыцӕутты фӕндагыл ма ныллӕу, фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ацу,
Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.
Мӕ лӕппу! Тӕригъӕдджынтӕ дӕ сӕ фӕдыл куы сайой, уӕд-иу сын ды ма баком.
Мӕ лӕппу, ма-иу ацу семӕ, дӕхи хиз сӕ фӕндагӕй,
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
науӕд йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сахуыр уыдзынӕ ӕмӕ къӕппӕджы аирвӕздзынӕ.
Фыдзӕрдӕтӕм хӕлӕг ма кӕн ӕмӕ се ’хсӕнмӕ ма тырн,
фӕзил дзы, ма йыл цу, аздӕх, ацу йӕ рӕзты.
Дӕхи дзы хъахъхъӕн, ӕввахс ма цу йӕ къӕсӕрмӕ,
Хъахбай сылгоймаг цы уынджы царди, уым хъеллау кодта, йӕ хӕдзары ’рдӕм ын фӕцӕйцыд.
Уе ’нӕфенд митӕ ныууадзут ӕмӕ цӕрдзыстут, зонды фӕндагыл цӕут!»
Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».