12 Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ цыды къуылымпы не ’ййафдзынӕ, куы азгъорай, уӕд нӕ фӕкӕлдзынӕ.
Фидар у мӕ къахайст Дӕ фӕрцы, нӕ цуды мӕ къах.
Уӕд бамбардзынӕ рӕстад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕууӕнчы, алы хорз фӕндаджы мидис.
Уӕд ӕдасӕй дӕ фӕндагыл ацӕудзынӕ ӕмӕ нӕ фӕкӕлдзынӕ,
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.