11 Ӕз дын уӕлзонды фӕндаг бацамондзынӕн, раст фӕндагыл дӕ акӕндзынӕн.
Дунедарӕджы хохмӕ чи ссӕудзӕн, чи ӕрлӕудзӕн Йӕ уаз цӕрӕны?
Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу, рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Ӕз цӕуын раст фӕндагыл, раст тӕрхоны къахвӕндӕгтыл,
Байхъусут мӕм, уымӕн ӕмӕ мӕ ныхас асхджиаг у, рӕстдзинад хъуысы мӕ дзыхӕй,
Зондджын мын мӕ ныхӕстӕ ’мбары, зонынадӕй чи схайджын ис, уый сӕ растыл нымайы.
Хуыцауы ныхас амонӕг куырыхон лӕг уыди, адӕмӕн-иу зонд амыдта; алцыдӕр бафӕлвӕрдта ӕмӕ басгӕрста, бирӕ ӕмбисӕндтӕ ныффыста.
ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы лӕппын, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Бардарӕджы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?
Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.