Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 31:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Сӕ бон дзурын кӕмӕн нӕу, уыдоны сӕрыл рахӕц, ӕнӕбон чи у, уыдоны бартыл тох кӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 31:8
18 Iomraidhean Croise  

Ӕлдӕрттӕн-иу сӕ ныхас сӕ дзыхы нал бадти, адӕргӕй-иу сӕ дзыхтӕ сӕ къухтӕй амбӕрзтой.


Йӕ аууонӕй ӕрӕмбӕрзта хӕхтӕ, егъау кедрты къалиутау райрӕзтысты Йӕ къабузтӕ.


Зарӕг. Асафы псалом.


Ӕдылы не ’ххӕссы уӕлзондмӕ, сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы.


Рӕстуд мӕгуыр адӕмы хъаст нӕ рох кӕны, ӕнӕхуыцауы сӕ хъуыддаг ӕвзарыны мӕт нӕй.


куы бануазой, уӕд сӕ ферох уыдзӕн сӕ мӕгуырдзинад, сӕ хъизӕмӕрттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты.


Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Шафаны фырт Ахикам Йеремиайы сӕрыл рахӕцыд, цӕмӕй адӕмы къухтӕм марынмӕ лӕвӕрд ма ӕрцӕуа.


«Не ’Гъдау, адӕймагӕн йӕхимӕ ма байхъус ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый ма базон, афтӕмӕй йын тӕрхон кӕнын амоны, ӕви?»


Ионатан бафарста йӕ фыды: «Цӕй тыххӕй йӕ хъӕуы марын? Цы ракодта?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan