6 Сӕфты къахыл чи лӕууы, уымӕн бадарут махсымӕ, хъизӕмарӕй чи мӕлы, уымӕн сӕн бануазын кӕнут:
Фӕлӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгмӕ куы схӕццӕ ис Кармелы хохмӕ, уӕд йӕ разы ныддӕлгом ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕн ныхъхъӕбыс кодта. Гиези йӕ иуварс акӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг баурӕдта: «Ныууадз ӕй, йӕ зӕрдӕ рыст у, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг мӕнӕй басусӕг кодта, нӕ мын ӕй схъӕр кодта».
Мӕлӕтӕй-иу кӕй фервӕзын кодтон, уый мын-иу раарфӕ кодта, мӕ фӕрцы-иу идӕдзы зӕрдӕ срухс ис.
Удхаргӕнӕджы цӕмӕн хъӕуы рухс, удвӕллады та — цард?
«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».
куы бануазой, уӕд сӕ ферох уыдзӕн сӕ мӕгуырдзинад, сӕ хъизӕмӕрттӕ сӕ зӕрдыл нал ӕрлӕудзысты.
Ӕндӕр цы загътаин? Йӕхӕдӕг мын сарӕзта, ныфс мын цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ ныр ӕнцад ӕрвитдзынӕн мӕ царды бонтӕ, мӕ уды хъизӕмар мысгӕйӕ.
Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иу чысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй.
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,