5 цӕмӕй, куы барасыг уой, уӕд ма ферох кӕной Хуыцауы ’гъдау ӕмӕ мӕгуыр адӕмы раст тӕрхонӕй ӕнӕхай ма фӕкӕной.
Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.
Раст ӕвзар дӕ мӕгуыр ӕфсымӕры хъаст.
Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.
Фыдгӕнӕгӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ рӕстуды раст тӕрхонӕй ӕнӕхай кӕнын хорз нӕу.
Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.
Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.
«Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддаг дӕр сӕн ӕмӕ карз нозт ма нуазут, науӕд амӕлдзыстут. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдтыбӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар.
Галиу тӕрхон ма кӕн, хъулон мийӕ дӕхи хиз. Гӕртӕмттӕ ма ис, уымӕн ӕмӕ гӕртам куырыхоны куырм кӕны, раст лӕджы — зылын.