4 Лемуел, паддзӕхтыл нӕ фидауы сӕн нуазын, уӕздӕттыл — махсымӕйы фӕдыл зилын,
Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,
Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.
Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ.
Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.
Сӕн — хынджылӕггӕнаг, арахъхъ — нӕрӕмон, чи сыл фӕцалх ис, уый ӕдылы у.
Денджызы астӕу кӕнӕ наухъилы цъуппыл чи бафынӕй ис, уый хуызӕн суыдзынӕ.
Амондджын у уыцы бӕстӕ, йӕ паддзах уӕздан мыггагӕй кӕмӕн у, йӕ барджынтӕ фынгтыл ӕрмӕст фӕхъуыртхъом уӕвынмӕ кӕм ӕрбадынц, сӕ рӕстӕг расыгӕй кӕм не ’рвитынц.
Додой сӕ къона, йе ’хсар сӕн нуазыныл кӕмӕн у, йӕ хъомыс та — хъӕбӕр нозт уадзыныл.
Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдтыбӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар.