31 Ӕмбӕлгӕ хӕрзиуӕг ын раттут, сахары кулдуары раз ӕй сыстаут!
ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.
Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.
Зӕххы хай ӕрцагуры ӕмӕ йӕ балхӕны, йӕ куыстӕй цы мызд бакусы, уымӕй сӕндон саразы.
Зӕрдӕскъӕфӕн хуыз сайаг у, рӕсугъддзинад тагъд ивгъуыйы, фӕлӕ Дунедарӕджы раз тас кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг стауыны аккаг у.
Давиды фырты паддзахы бадӕн Йерусалимы уыди. Хуыцауы ныхас хорз чи амыдта, ахӕм лӕгыл нымад уыд. Афтӕ-иу дзырдта:
Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи?
Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.
Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.
Саламтӕ — Бардарӕджы ӕнӕзӕрдӕхудт кусджытӕ Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕйӕн. Саламтӕ — Бардарӕгӕн дзӕвгар чи балӕггад кодта, нӕ уыцы уарзон хо Персидӕйӕн.
Саламтӕ — сымах тыххӕй уый бӕрц бафыдӕбонгӕнӕг Мариайӕн.
Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа.
Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ, кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзысты уӕ хъуыддӕгтӕ дӕр ӕмӕ, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уыцы лӕггадӕй Йӕм цы уарзондзинад равдыстат, уый дӕр.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуысти хъӕлӕс ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс: нырӕй фӕстӕмӕ Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ чи мӕлы, уыдон тӕхудиаг сты». — «О, уыдон ӕрӕнцайдзысты сӕ фыдӕбӕттӕй, — зӕгъы Уд, — уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ цӕуынц сӕ фӕдыл».