3 Дӕ хъарутӕ ма ратт сылгоймӕгтӕн, дӕ хъомыс — паддзӕхты чи бабын кӕны, уыдонӕн.
Фараоны чызгӕй уӕлдай ма Соломон бауарзта бирӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгты дӕр: моавӕгты, аммонӕгты, едомӕгты, сидойнӕгты, хеттӕгты,
Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.
Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы.
Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.