27 Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.
Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
Адӕймаджы йӕ зивӕг хуыссӕгхъӕлдзӕг скӕны, зивӕггӕнаг стонг ӕййафдзӕнис.
Сӕудӕджергӕнӕг науы хуызӕн дардӕй самал кӕны хойраг.
Йӕ цот сыстынц ӕмӕ йӕ сыстауынц, йӕ сӕрыхицау дзы ’ппӕлынӕй не ’фсӕды:
Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.
Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.
ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты,