26 Йӕ ныхас у куырыхон, хорз зондамынд дзы хъуысы.
Естерӕн йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймаг унӕуттӕ Мардохейы тыххӕй куы фехъусын кодтой, уӕд ӕхсин-паддзахы зӕрдӕ йӕхи къултыл бахоста. Йӕ бызгъуыртӕ раивӕд, зӕгъгӕ, Мардохейӕн дарӕс рарвыста, фӕлӕ уый не сразы.
Рӕстуды ӕвзагӕй уӕлзонд тӕдзы, фыд ӕвзаг та къуырд ӕрцӕудзӕнис.
Дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕф, куырыхоны ныхас — ӕвдадзы хос.
Рӕвдауӕн ныхас мыды фӕзгъӕрты ад кӕны: удӕн — ӕхсызгон, буарӕн — ӕнӕнизы хос.
Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.
Бирӕбыхст хицауы зӕрдӕ ӕртасын кӕны, фӕлмӕн ныхас стджытӕ дӕр сӕтты.
Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.
О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!»
О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.
Йӕ дзыхӕй хъуысти рӕстдзинады Ӕгъдау, сайӕн ныхас дзы никуы схауд, амондджын ӕмӕ рӕстудӕй Мын лӕггад кодта, бирӕты аздӕхта тӕригъӕдӕй.
Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Бардарӕджы цагъар дӕн; цы загътай, уый мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ уыйадыл зӕд нал уыди йӕ разы.
Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг.
Синедрионы чи бадти, уыдон се ’ппӕт дӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ уыдтой: йӕ цӕсгом уыди зӕды цӕсгомау.
Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ, адӕймагӕн йӕ тыхсты чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи фӕфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, — чи сӕ фехъуса, уыдонӕн фарны хос куыд уой, афтӕ.
Ӕнӕуырнджытимӕ уӕхи дарут зондджынӕй, алы фадатӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ.
Афтӕ сымах дӕр, устытӕ, кӕсут уӕ лӕгты коммӕ, Хуыцауы Дзырдыл дзы йӕхи чи тигъ кӕны, цӕмӕй уыдонӕн зӕгъын дӕр ма бахъӕуа, афтӕмӕй йыл баууӕндой, сӕ бинойнӕгты цардмӕ кӕсгӕйӕ,
Фӕлӕ ус йемӕ не сразы ис: «Дунедарӕг нӕ марынмӕ куы хъавыдаид, уӕд нын нӕ иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ нӕ хойраджы хуынтӕ нӕ айстаид, стӕй нын ницы радзырдтаид, ӕмӕ ацы диссаг дӕр нӕ федтаиккам».