Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 31:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Йӕ сӕрыхицауы йын сахары кулдуары цур зонынц, йӕ бӕстӕйы хистӕрты ’хсӕн фӕбады.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 31:23
8 Iomraidhean Croise  

Ӕз-иу сахары кулдуары размӕ рацыдтӕн, фӕзы-иу мӕ бадӕны ӕрбадтӕн,


Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.


Ӕдылы не ’ххӕссы уӕлзондмӕ, сахары кулдуары цур йӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп не схауы.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


уӕд уыцы мад ӕмӕ фыд бавдӕлӕнт, сӕ сахары хистӕрты размӕ йӕ бакӕнӕнт


Боаз сахары кулдуары цурмӕ рацыд ӕмӕ уым сбадти. Кӕй кой кодта, уыцы ӕрвад иуафон йӕ рӕзты фӕцӕйцыд. Боаз ӕм сдзырдта: «Раздӕх ӕмӕ сбад мӕ фарсмӕ». Уый ӕрбаздӕхт ӕмӕ ӕрбадт.


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Боаз сахары хистӕртӕй дӕс лӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Ам ӕрбадут». Уыдон ӕрбадтысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan