Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 31:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 йӕхицӕн дӕр бахуыйы ӕмбӕрзӕнтӕ, гӕн ӕндахӕй уафт ӕмӕ сӕнт сырх къуымбилӕй — йӕ дарӕс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 31:22
11 Iomraidhean Croise  

Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Мӕ хуыссӕныл ӕмбӕрзӕнтӕ байтыдтон, хуызджын мысыраг хъуымӕцтӕй йӕ сфӕлыстон,


Уыдис иу хъӕздыг лӕг, уый дардта зынаргъ ӕмӕ рӕсугъд дарӕс, хъал цард кодта.


Уӕ рӕсугъддзинад ӕддаг бакастӕй — дзыккуты фаст, сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ ӕмӕ аив дарӕсӕй — ма уӕд,


Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг.


Ӕркодтой йыл гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕг ӕмӕ тӕмӕнкалгӕ». Гӕн хъуымацӕй дарӕс — сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ.


Сӕ уӕз уыди мин ӕмӕ авдсӕдӕ шекелы. Уыдонӕй уӕлдай — ног мӕйы ӕнгӕс фӕлындӕнтӕ, даргъ сыгъзӕрин хъусцӕджытӕ ӕмӕ мидианӕгты паддзӕхты сӕнт сырх дарӕс, стӕй, теуаты бӕрзӕйтӕй цы фӕрдгуытӕ раластой, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan