21 Йӕ бинонтӕн митӕй тас нӕу, се ’ппӕтыл дӕр — дывӕлдах хъуымацӕй дарӕстӕ;
Ӕфсымӕртӕн радта фӕйнӕ фӕлысты дарӕс, Бениаминӕн та — ӕвзисты ӕртӕсӕдӕ шекелы ӕмӕ фондз фӕлысты дарӕс.
Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
Фӕнды уазал бон дӕ дарӕс лас, кӕнӕ содӕйыл дзымари ныккал, фӕнды ’нкъард зӕрдӕйӕн зарджытӕ кӕн.
йӕхицӕн дӕр бахуыйы ӕмбӕрзӕнтӕ, гӕн ӕндахӕй уафт ӕмӕ сӕнт сырх къуымбилӕй — йӕ дарӕс.
Хӕстон уӕрдӕттӕ фӕцӕйтӕхынц уынгты, фӕзты дыууӕрдӕм кӕнынц, цырӕгътау цӕхӕртӕ калынц, ӕрвӕрттывдау ферттивынц.