20 Мӕгуыр лӕгӕн йӕ арм байгом кӕны, ӕххуысхъуагмӕ йӕ къух бадары.
ӕнӕзӕнӕг сылгоймагӕн хъӕбулы амонд ратты. Алелуйа!
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.
Саг суадонмӕ куыд фӕтырны, афтӕ мӕ уд тырны Дӕумӕ, Хуыцау!
Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.
Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Дунедарӕгӕн ӕфстау дӕтты, йӕ хорздзинад ын Дунедарӕг бафиддзӕн.
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг арфӕгонд уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуыр лӕгӕн хай ратты.
Йӕ къухтӕм райсы ӕлвисӕн, йе ’нгуылдзтӕ ӕлхуи уӕгъд нӕ кӕнынц.
Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, ӕмӕ уӕ кӕд бафӕнда, уӕд-иу сын баххуыс кӕнут, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.
Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».
Цы уӕм ис, уымӕй хай кӕнут уе ’мдин ӕфсымӕртӕн, исты хъуаг куы уой, уӕд; уазӕгыл уӕхи ма тигъ кӕнут.
Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.
Бӕстӕйы кӕддӕриддӕр мӕгуыр адӕм уыдзӕни, ӕмӕ дын уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕхсын ӕз: рӕдаукъух у де ’фсымӕрӕн, дӕ бӕстӕйы цӕрӕг ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырӕн.
Рохуаты ма ныууадзут хорзы цӕуын дӕр, цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын — ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон сты.