18 Йӕ базайрӕгтӕ хорз уӕй цӕуынц, уый фӕуыны, ӕмӕ ’хсӕвыгон дӕр йӕ цырагъ нӕ ахуыссы.
Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди.
Йӕ зӕнӕг рӕгъмӕ рацыдысты ӕви нӕ, уый нӕ зондзӕн; исчи сӕ ӕфхӕры ӕви нӕ, уый нӕ фендзӕн.
Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!
Йӕ синтӕ ’рбатухы хъаруйӕ, йӕ къухты ис тых.
Йӕ къухтӕм райсы ӕлвисӕн, йе ’нгуылдзтӕ ӕлхуи уӕгъд нӕ кӕнынц.
Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.