15 Нырма талынг вӕййы, афтӕ сысты, йӕ бинонтӕн хӕринаг скӕны, йӕ унӕутты исты куыстыл бафтауы.
Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.
Кӕд фынӕй кӕнын уарзыс, уӕд мӕгуырмӕ ’рцӕудзынӕ, дӕ цӕстытӕ ма бацъынд кӕн ӕмӕ ӕфсӕст уыдзынӕ.
Зӕххы хай ӕрцагуры ӕмӕ йӕ балхӕны, йӕ куыстӕй цы мызд бакусы, уымӕй сӕндон саразы.
Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.
Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ хӕдзарӕй рацыд, хибар ранмӕ Йӕхи айста ӕмӕ уым куывта.
Бардарӕг дзуапп радта: «Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын хӕдзаргӕс? Хӕринаг сын афоныл радӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕни?
Зӕрдиагӕй лӕггад кӕнут Хуыцауӕн, уӕ удӕй арт цӕгъдут.
Сӕумӕраджы Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ситтимӕй рараст Иорданы былгӕронмӕ ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой фаллаг фарсмӕ бахизыны размӕ.