14 Сӕудӕджергӕнӕг науы хуызӕн дардӕй самал кӕны хойраг.
Хирам ӕмӕ Соломоны кусджытӕ дӕр Офирӕй ӕрбаластой канд сыгъзӕрин нӕ, фӕлӕ ма зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг ӕмӕ хӕзнадуртӕ дӕр.
Къуымбилмӕ кӕнӕ гӕн ӕндахмӕ бавнала — йӕ къухтӕ ӕнӕзивӕгӕй кусынц.
Гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ хуыйы уӕйӕн, Ханааны сӕудӕджертӕн — астӕубостӕ.
Йӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕм йӕ цӕст дары, ӕвдӕлонӕй къӕбӕр нӕ хӕры.