10 Хорз усы куыд ссардӕуа? Уый налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр у,
Дзӕнхъа ӕмӕ кораллӕн сӕ кой дӕр ма скӕн, куырыхон зонд лалӕй зындӕр амалгӕнӕн у.
Хӕрзуаг бинойнаг йӕ сӕрыхицауӕн — кады худ, налат ус та — йе стджыты ’хсӕн ӕмбыд стӕг.
Куырыхон сылгоймаг — хӕдзаргӕнӕг, ӕдылы ус та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй халы.
Цард дӕр ӕмӕ мӕлӕт дӕр — ӕвзаджы дӕлбар, йемӕ хӕларӕй чи цӕры, уый йын йӕ дыргъты ад базондзӕн.
Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.
Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.
уӕлзонд — налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр, цӕмӕ бӕллыс, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
йӕ мойы зӕрдӕ йыл фидарӕй ӕууӕнды, ӕнӕ ’фтиагӕй нӕ баззайдзӕн йемӕ,
бирӕ фӕцагуырдтон, стӕй агургӕ дӕр кӕнын, фӕлӕ иу сылгоймагыл никуы фӕхӕст дӕн, мины ’хсӕн иу лӕджы ссардтон.
Уӕдӕ афтӕ, мӕ къона: тӕрсгӕ ма кӕн, цыдӕриддӕр загътай, уыдӕттӕ дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ хӕрзӕгъдау сылгоймаг кӕй дӕ, уый нӕ сахар иууылдӕр зонынц.