5 Хуыцауӕн Йӕ алы ныхас дӕр сыгъдӕг у; йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ма тӕрс, Аврам! Ӕз дӕ хъахъхъӕнын уартау. Стыр уыдзӕни дӕ хӕрзиуӕг».
Хуыцауы фӕндаг ӕнӕфау ӕмӕ раст у, Йӕ ныхас — сыгъдӕг; йӕ зӕрдӕ йыл чидӕриддӕр дары, уыдонӕн Уый уарт у.
Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.
Ӕрвылбон Дын кад кӕндзынӕн, мыггагмӕ Дын ӕппӕлдзынӕн Дӕ номӕй.
Уӕлӕрвтӕ Хуыцауы кадыл дзурынц, арвы къӕй ӕвдисӕн у Йӕ хъуыддӕгтӕн!
Чи йӕ тохуӕрдӕттӕй ӕппӕлы, чи — йӕ бӕхтӕй, мах та стауӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ном.
Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Куыд ӕхцон у Дунедарӕджы стауын ӕмӕ Дӕ номы кадӕн зарын, Бӕрзӕндтыл Бадӕг,
Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.
Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.
Фӕлӕ Ӕгъдау йӕхӕдӕг Хуыцауӕй цӕуы, ӕмӕ, цыдӕриддӕр домы, уый сыгъдӕг, раст ӕмӕ хорз у.
Уӕларвӕй ӕрцӕугӕ зонд та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг, стӕй у фидауынгӕнӕг, сӕрныллӕг, коммӕгӕс, фӕлмӕнзӕрдӕ, йӕ хъуыддӕгты дыргътӕ сты хорз, никӕй хъулон кӕны, цӕстмӕмитӕ йӕм нӕй.