Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 30:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Чи ссыди уӕларвмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ’рцыди? Чи баурӕдта дымгӕ йӕ армы? Уӕлӕфтауы мидӕг дон чи батыхта? Зӕххӕн арӕнтӕ чи скодта? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном? Зоныс ӕй ды?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 30:4
31 Iomraidhean Croise  

Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.


Хуыцауы ды куыд хъуамӕ раиртасай, Ӕппӕтхъомысы ӕххӕстӕй куыд хъуамӕ бамбарай?


Уый арвӕй уӕлдӕр у. Куыд ӕм сӕххӕсдзынӕ? Мӕрдтыбӕстӕй арфдӕр у. Куыд ӕй базондзынӕ?


Уый Йӕ мигъты гуыдырӕвӕрд бакӕны дон, ӕмӕ йӕ уӕзӕй ӕврӕгътӕ нӕ аскъуыйынц.


стыр рухсгӕнӕнтӕ сфӕлдыста — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


«Хъусын кӕнын Дунедарӕджы уынаффӕ: афтӕ мын загъта Уый: „Ды Мӕ фырт дӕ; ды Мын абон райгуырдтӕ.


Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон, ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ.


Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!


Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты, денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.


Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.


Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.


Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».


Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.


Уырнындзинады фӕрцы та адӕймаг куыд сраст вӕййы, уый тыххӕй Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕхи макуы бафӕрс: „Уӕларвмӕ чи ссӕудзӕн?“» (ома Чырыстийы зӕхмӕ ӕркӕнынмӕ).


Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат,


Уӕларвы не сты, цӕмӕй афтӕ зӕгъат, уӕларвмӕ чи ссӕудзӕн ӕмӕ нын сӕ чи ӕрхӕсдзӕн, цӕмӕй сӕ мах ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ.


Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон арты ӕнгӕс, Йӕ сӕрыл — бирӕ кады худтӕ. Йӕ уӕлӕ фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, уыцы ном.


Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Мӕ номӕй мын цы кӕныс? Уый диссаг у».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan