33 уымӕн ӕмӕ, ӕхсыр куы цӕгъдай, уӕд дзы нӕлхӕ ’взӕры, фындз куы ныццӕвай, уӕд йӕ туг ракӕлы, маст куы сзынг кӕнай, уӕд та ссудзы хӕрамдзинад.
Уӕд Авраам райста къӕдор, ӕхсыр ӕмӕ роды фыд ӕмӕ сӕ йӕ уазджыты раз ӕрӕвӕрдта. Цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ сын Аврам бӕласы бын уырдыг лӕууыди.
Ӕнӕуынондзинад хъаугъа расайы, уарзондзинад алы тӕригъӕд дӕр бары.
Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.
Мӕнгард лӕг хъаугъатӕ тауы, дам-думтӕ фӕхицӕн кӕнынц ӕмбӕлтты.
Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.
Тӕвдӕн — ӕвзалы, артӕн — сугтӕ, загъдӕргом та — загъд къахынӕн.
Кӕрӕф адӕймаг загъд къахы, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та — фӕрнӕйдзаг.
Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.
Массӕйы паддзах Лемуелы ныхӕстӕ, йӕ ныййарӕг мадӕй цы зондамындтыл сахуыр ис, уыдон.