Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 30:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 сырдтӕн сӕ тыхджындӕр — домбай, йӕ разӕй фӕндаг никӕмӕн ратдзӕн;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 30:30
7 Iomraidhean Croise  

Уарзон ӕмӕ цытджын Саул! Уарзон ӕмӕ цытджын Ионатан! Сӕ удӕгасӕй дӕр кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ сӕ мӕлӕт дӕр нӕ ахицӕн кодта. Уыдон цӕргӕсӕй цӕрдӕгдӕр уыдысты, уыдон домбайӕ домбайдӕр уыдысты!


Ис ӕртӕ, сӕ уӕнгты ахаст хӕрзконд кӕмӕн у, ахӕмтӕ, цыппӕрӕмӕн та — фидар къахӕвӕрд:


уасӕг, бодз ӕмӕ, йе фсады разӕй чи цӕуы, уыцы паддзах.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


Ацы адӕм сыстынц домбайау ӕмӕ, цалынмӕ сӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынц ӕмӕ тугӕй бафсӕдынц, уӕдмӕ ӕнцой нӕ зонынц».


Ӕвдӕм бон, хур нӕма аныгуылд, афтӕ сахары цӕрджытӕ Самсонӕн дзуапп радтой: «Цы ис мыдӕй адджындӕр? Чи у домбайӕ тыхджындӕр?» Самсон сын загъта: «Мӕ дыгӕрдыгыл мын куынӕ хуым кодтаиккат, уӕд мын мӕ уыци-уыци нӕ базыдтаиккат».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan