2 Адӕмы ’хсӕн нӕй мӕнӕй ӕнӕфенддӕр, адӕймаджы зонд мӕм нӕй.
хъӕды алы сырд дӕр Мӕн у, мингай хӕхтыл фос иууылдӕр Мӕн сты.
Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс! Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон Дӕ ном фауынц.
Зондамынд чи уарзы, уый зонынад уарзы, уайдзӕф ӕнӕуынон кӕмӕн у, уый ӕнӕфенд у.
Йакейы фырт Агуры, Массайы байзӕддаджы, ныхӕстӕ. Мӕнӕ цы радзырдта уыцы адӕймаг Итиел, уымӕн йе ’мном Итиел ӕмӕ Ухалӕн.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Ӕдылытӕ сты адӕм, зонынад сӕм нӕй; згъӕртайынгӕнӕг йӕхи худинаг кӕны джиппыуагъд гуымирытӕй, йӕ кӕрдгӕнывтӕ сты мӕнг, уд сӕ нӕй.
Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Йӕхи уӕ мачи сайӕд. Кӕд сымахӕй искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы дунейы зондджын у, уӕд суӕд «ӕдылы», ӕмӕ ӕцӕгӕй уыдзӕни зондджын.
Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.