17 Йӕ фыдыл худгӕ, йӕ ныййарӕг мадмӕ хъусыныл ӕлгъ цы цӕст кӕны, уый дӕлвӕзы халӕттӕ скъахдзысты.
Айайы чызг Рицпа сӕхъисы гӕппӕл райста ӕмӕ йӕ къӕдзӕхыл йӕхицӕн ӕрытыдта. Хуымгӕрдӕнты райдианӕй суанг, цалынмӕ сын сӕ мӕрдтыл арвӕй къӕвда уарын райдыдта, уӕдмӕ уырдыгӕй нӕ рацыди. Боныгон сӕм ӕввахс нӕ уагъта уӕларвон мӕргъты, ӕхсӕвыгон — хъӕддаг сырдты.
Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.
Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады чи ’лгъиты, уымӕн саудалынджы йӕ царды рухс ахуысдзӕн.
Хъус дӕ фыдмӕ, уымӕн ӕмӕ дын цард уый радта, дӕ ныййарӕг мад куы базӕронд уа, уӕд дӕр ыл ӕлгъ ма кӕн.
Иуӕй-иутӕ ’лгъитынц сӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ мадӕлтӕн арфӕ нӕ кӕнынц.
Ӕртӕ хъуыддаджы мӕ дисы ӕфтауынц, цыппӕрӕм та не ’мбарын:
Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у.
— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.
Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.
стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон».