Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 30:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Хицауы раз йӕ цагъары фыдгой ма ракӕн, науӕд дӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ азымджын фӕуыдзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 30:10
18 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Йӕ мӕнӕу чи ’мбӕхсы, уый адӕм ӕлгъитгӕ кӕнынц, фӕлӕ дзы чи уӕй кӕны, уый арфӕты бын фӕуыдзӕн.


Мӕгуыр лӕгӕн чи ӕххуыс кӕны, уый хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ мӕгуыртӕй йӕ цӕстытӕ чи азилы, уый бирӕ фелгъитдзысты.


Алы ныхас дӕ зӕрдӕмӕ ма ис — мыййаг, дӕ лӕггадгӕнӕджы дӕ фыдгой кӕнгӕйӕ куы баййафай.


Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».


Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.


Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхон кӕнай? Йӕ къӕхтыл лӕууы ӕви ахауд — уый йын йӕ Хицау равзардзӕн. Уӕддӕр слӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн Йӕ бон у уый йӕ къахыл слӕууын кӕнын.


Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.


Искӕй цагъар йӕ хицауӕй сымахмӕ йӕ сӕр куы бафснайа, уӕд ӕй йӕ хицауӕн ма схъӕр кӕнут.


Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис.


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


Давид ӕй бафарста: «Уыцы абырджытӕм мӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕ?» Уый йын загъта: «Хуыцауӕй мын ард бахӕр, кӕй мӕ нӕ амардзынӕ, ме ’лдары къухтӕм дӕр мӕ кӕй нӕ ратдзынӕ, уый тыххӕй, ӕмӕ дӕ ӕз уыдоныл сӕмбӕлын кӕндзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan