5 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.
Цыбыр дзырдӕй, мах ком дардтам ӕмӕ нӕ Хуыцаумӕ куывтам, ӕмӕ Йӕм нӕ куывд фехъуысти.
Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.
Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.
Мӕ тӕригъӕдты аныгъуылдтӕн, сӕ уаргъ сын хӕссын нал фӕразын.
Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр, хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.
Уымӕн ӕмӕ Ды — мӕ сӕрылхӕцӕг, Дӕ базыры бын цин кӕнын.
Цӕмӕй Дунедарӕг дӕ зӕрдӕдарӕн суа, уый тыххӕй дын сӕ абон хъусын кӕнын.
Хъӕздыгдзинады фӕдыл ма згъор, кӕд ӕрлӕууын хъӕуы, уый зон;
Йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уый ӕдылы у, уӕлзондыл фидар чи хӕцы, уый — ӕдас.
Дӕхи цӕсты куырыхон ма у, Дунедарӕгӕй тӕрс, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз, —
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Мигъ-иу цалдӕр боны куы бадти Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ, уӕд-иу израилӕгтӕ, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ бынаты лӕууыдысты ӕмӕ-иу стӕй, Дунедарӕджы амындӕй, сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой.
Дыууӕ боны, мӕй ӕви фылдӕр, цасфӕнды лӕууӕд мигъ Уаз Цӕрӕны сӕрмӕ — сӕ бынаты лӕууыдысты израилӕгтӕ ӕмӕ фӕндаджы кой нӕ кодтой, фӕлӕ-иу мигъ йӕхи куы систа, уӕд-иу уайтагъд цӕуынмӕ фесты.
Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Схъӕл ма ут; сӕрныллӕгӕй чи цӕры, уыдоны дӕр уӕ сӕрмӕ хӕссут. Уӕхи цӕсты ӕгӕр бӕрзонд ма ут.
цӕмӕй мах ӕппӕлӕм Йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Чырысти зӕрдӕдарӕн фыццаг махӕн сси.