35 Куырыхонтӕ скадджын уыдзысты, зондцухтӕ та худинаджы бын фӕуыдзысты.
Зондджын ныхас адӕймаджы скадджын кӕны, ӕнахъинон зондахаст — ӕгады хос.
Рӕстудӕн мӕнг ныхас ӕнӕуынон у, ӕнӕхуыцау та йӕхи сӕгад ӕмӕ фӕхудинаг кӕны.
Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.
Уӕлзондӕн аргъ кӕн, ӕмӕ дӕ бӕрзонд бынатмӕ сисдзӕн, дӕ хъӕбысы йӕ бакӕн, ӕмӕ дӕ скадджын кӕндзӕн.
Ӕнӕхинтӕ, арфуынӕг зондыл сахуыр ут, ӕнӕзӕндтӕ, уӕ зондыл бафтаут!
уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!