34 Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.
Ды алцы куыд зоныс, уый мӕ ӕфтауы стыр дисы, мӕ зонд ӕй нӕ ахсы!
Уӕдӕ уын ӕз дӕр уӕ фыдбылызыл фӕхуддзынӕн, ӕвирхъау тас уыл куы бахӕца, уӕд хынджылӕг кӕндзынӕн.
Ӕдылытӕ худынц тӕригъӕдтӕ сыгъдӕггӕнӕг нывондыл, фӕлӕ цӕсгомджын адӕм Дунедарӕджы хорзӕх райсдзысты.
Сӕрыстыртимӕ ’фтиаг дих кӕныны бӕсты, фӕлтау мӕгуыртимӕ цӕр сӕрныллӕгӕй.
Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.
Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.
Кӕд куырыхон дӕ, уӕд дын дӕ уӕлзонд пайда хӕссы, кӕд ӕдзӕсгом, уӕд та дӕхӕдӕг фыдӕбон бавзардзынӕ.
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Уыйхыгъд нын Хуыцау ноджы фылдӕр хорзӕх дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».
Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».