Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 3:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Дунедарӕджы ’лгъыст ӕнӕхуыцауы хӕдзарыл сӕмбӕлы, рӕстуды хӕдзарыл та ӕруадзы Йӕ арфӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 3:33
20 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы Фидыды Чырын гатаг Овед-Едомы хӕдзары фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ йын Дунедарӕг арфӕ ракодта йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕн дӕр.


Доны сын аирвӕзӕн нӕй, сӕ зӕххы хай — ӕлгъыст, сӕ сӕндӕттӕ ӕнӕвнӕлдӕй лӕууынц.


суанг Аваддонмӕ чи ӕркӕны, ахӕм бынсыгъдгӕнӕг арт, ӕмӕ мӕ тыллӕг ӕд уидӕгтӕ йӕ амӕттаг фӕуыдаид.


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, ма мӕ ныууадз, ма адард у мӕнӕй!


Де знӕгтӕ, Дунедарӕг, Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты.


Рӕстуды сӕрыл — арфӕты кады худ; ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг сусӕг кӕны фыдвӕнд.


Ӕнӕхуыцауы хӕдзар ныззыгуым уыдзӕн, рӕстуды хӕдзар — дидинӕфтыд.


Рӕстуды хӕдзары бирӕ хӕзнатӕ ис, ӕнӕхуыцауӕн та йе ’фтиаг фыдбылыз ӕрхӕсдзӕн.


Раст Хуыцау йӕ цӕст дары ӕнӕхуыцауы хӕдзармӕ: ӕнӕхуыцауыл фыдбылыз ӕруадзы.


куынӕ Мӕм хъусат ӕмӕ Мын Мӕ номӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ кад куынӕ кӕнат, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕд уын Ӕз ралгъитдзынӕн уӕ арфӕтӕ, ныридӕгӕн сӕ ’лгъитын, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ номӕн зӕрдиагӕй кад нӕ кӕнут.


Ӕлгъыст — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куынӕ байхъусат, абон уын ӕз цы фӕндаг амонын, уымӕй куы фӕзилат ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, уӕд.


Ӕлгъаг дзаума ма бахӕссут уӕ хӕдзармӕ, науӕд уӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фӕуыдзыстут йемӕ; ахӕм дзауматӕй уӕхи хизут, ӕлгъ сыл кӕнут — ӕлгъыстаг сты уыдон.


Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй дзы цы ссарат, уыдон суӕнт Дунедарӕджы уаз хай — ӕфснайд ӕрцӕуӕнт Йӕ хӕдзары хӕзнадоны».


Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе ’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan