25 Ма тӕрс, ӕвиппайды цы бӕллӕх ӕрцӕуы, уымӕй, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц, уыцы фыдбылызӕй,
Уый зӕххы рыгӕй сисы мӕгуыры, фӕныкӕй сисы гӕвзыччы,
Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.
Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын.
Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,
«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.
Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.
Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —
Сымах хъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты кой. Ма тӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни.
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?»
Хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты кой куы фехъусат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут — раздӕр уал хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕн».
Мацӕуыл мӕт кӕнут. Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут.
Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.