24 ӕдӕрсгӕйӕ-иу бафынӕй уыдзынӕ ӕмӕ адджын фынӕй кӕндзынӕ.
Ӕмӕ Иосафаты паддзахады ралӕууыди сабыр заман, Дунедарӕг ӕй алырдыгӕй дӕр сӕдас кодта.
Дӕхицӕн ӕнцад хуысдзынӕ, ӕмӕ дын тас никӕмӕйуал уыдзӕн, бирӕтӕ дӕ зӕрдӕ балхӕныныл архайдзысты.
цӕмӕй йӕ ӕрбадын кӕна ӕлдӕрттимӕ, йӕ адӕмы уӕздӕттимӕ;
Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ, ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!
Дунедарӕгмӕ фӕдисхъӕр ныккӕндзынӕн, ӕмӕ мын Уый дзуапп ратдзӕни Йӕ уаз хохӕй.
Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты.
Ды мӕ зӕрдӕйы ахӕм цин бауагътай, йӕ хор ӕмӕ йӕ сӕнӕн, ныккӕнӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны цинӕй фылдӕр чи у!
Уымӕн ӕмӕ мын, Дунедарӕг, мӕ зӕрдӕ срухс кодтай Дӕ хъуыддӕгтӕй. Дӕ къухӕй цыдӕриддӕр сарӕзтай, уыдоны цинӕй райын.
Чи мӕм хъусы, уый та цӕрдзӕн сабыр ӕмӕ ӕдасӕй, фыдбылызӕй нӕ тӕрсдзӕн».
Дунедарӕгӕй тас цардмӕ кӕны, уыцы тасӕй йемыдзаг чи у, уый фынӕй кӕны ӕнӕмӕтӕй, фыдбылыз ӕм нӕ баххӕсдзӕн.
Куы фӕцӕйцӕуай, уӕд дӕ размӕ кӕндзысты, куы бафынӕй кӕнай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзысты, куы-иу райхъал уай, уӕд демӕ дзурдзысты.
Иу ӕнамонд хъуыддаг бафиппайдтон зӕххыл: хъӕздыг йӕ мулк йӕхи фыдбылызӕн фембырд кӕны,
«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.
Уыцы рӕстӕг ӕз райхъал дӕн ӕмӕ акастӕн мӕ алыварс. Мӕ фын мын ӕхсызгон уыди.
Ӕз Мӕхӕдӕг хиздзынӕн Мӕ фос, Мӕхӕдӕг сын фӕлладуадзӕн рӕстӕг ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Ӕз семӕ сараздзынӕн фарны фидыд, сӕ зӕххӕй сын асурдзынӕн тугдзых сырдты, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты тыгъд быдыры, ӕнӕмӕтӕй хуысдзысты хъӕдты.
Ӕмӕ сын алы бӕлас дӕр дӕтдзӕни йӕ дыргъ, зӕхх та — йӕ тыллӕг, ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты сӕ зӕххыл. Се ’фхӕрджыты къухӕй сӕ куы суӕгъд кӕнон ӕмӕ сын се ’фсондз куы ныссӕттон, уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ.
Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой.