21 Мӕ лӕппу, уыдӕттӕй дӕ цӕст ма ис, раст зондахаст ӕмӕ арфуынӕг зонд хъахъхъӕн.
ӕнӕхинты арфуынӕг скӕндзысты, зонынад сын ратдзысты, зондӕй сӕ схайджын кӕндзысты.
Хивӕнд, йӕхи цы фӕнды, уый кӕны, раст уынаффӕ куы фехъусы, уӕд та загъд ракъахы.
Зондагурӕг чи зилы, уый йӕ удыл тыхсы; уӕлзонд чи хъахъхъӕны, уый фарн ссары.
Рӕстгӕнджытӕн Уый ӕрцӕттӕ кодта уӕлахиз, тӕригъӕдӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн Уый сӕ уарт у.
Дӕ цӕст сӕ ма ис, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф бавӕр,
Уӕлзонд рохуаты куынӕ ныууадзай, уӕд дӕ хъахъхъӕндзӕн, уарзгӕ йӕ кӕн, ӕмӕ дӕ бахиздзӕн.
цӕмӕй схайджын уай дардуынӕг зондӕй ӕмӕ дӕ дзыхӕй зонынад хъуыса.
Уынаффӕ ӕмӕ ӕнтыст мӕнмӕ сты; ӕз зонд дӕн, ӕмӕ хъару мемӕ ис.
Иудейӕгтӕй Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн Йесо загъта: «Мӕ ныхасмӕ гӕсгӕ куы цӕрат, уӕд ӕцӕгӕйдӕр Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Ӕгъдауы чиныджы дзырд дӕ былалгъыл уӕд иудадзыг, фӕлхат ӕй кӕн бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр, иууылдӕр сӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕн, — уӕд уыдзынӕ фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕнтыстджын.
Райдианӕй цы фехъуыстат, уый цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Райдианӕй цы фехъуыстат, уый уӕ зӕрдӕты куы цӕра, уӕд сымахӕн дӕр уыдзӕн иудзинад Фыртимӕ дӕр ӕмӕ Фыдимӕ дӕр.
Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.