2 дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.
Ӕмӕ дӕ фыд Давидау Мӕ рард фӕндӕгтыл куы цӕуай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын Ӕз балӕвар кӕндзынӕн бирӕ цӕрӕнбон».
Карджынӕй бацӕудзынӕ ингӕнмӕ, йӕ афоныл кӕй банай кодтой, йӕ афоныл найгонд ӕфсирау.
Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны, уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы, афтӕмӕй бахус вӕййы.
Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.
цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уый бирӕ цӕры, ӕнӕхуыцауӕн йӕ азтӕ нымад сты.
Урс сӕр — намысы кады худ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый йӕ ссардзӕнис.
Мӕ лӕппу, байхъус мын мӕ ныхӕстӕм, дӕ зӕрдӕмӕ сӕ айс ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзынӕ.
Мӕ фыд мын-иу ахӕм зонд амыдта: «Мӕ ныхӕстӕ мын дӕ зӕрдыл бадар, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕр.
Мемӕ, Уӕлзондимӕ, дӕ царды бонтӕ фӕфылдӕр уыдзысты, дӕ азты нымӕцыл бафтдзӕнис.
Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.
Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.
Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.
Цӕмӕй, цалынмӕ зӕххы сӕрмӕ арв уа, уӕдмӕ, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, ууыл сымах дӕр ӕмӕ уӕ тъымы-тъыма дӕр цӕра.
Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.