19 Дунедарӕг уӕлзондӕй зӕххӕн ӕрӕвӕрдта бындур, уӕлӕрвтӕ сфидар кодта зондӕй.
Ӕз зӕхх куы арӕзтон, уӕд ды кӕм уыдтӕ? Кӕд ӕй зоныс, уӕд дзуапп ратт.
Ӕмӕ Хуыцау сбирӕ кодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ йӕ скодта йе знӕгтӕй тыхджындӕр.
О Йерусалим, ӕз дӕу куы ферох кӕнон, уӕд мӕ рахиз цонг мацыуалхъом суӕд!
Дунедарӕг мӕн сфӕлдыста Йӕ фӕндаджы райдиан, Йе ’ппӕт хъуыддӕгты размӕ, рагзаманы.
Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Дунедарӕг Йӕ хъомысы фӕрцы сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзондӕй ӕрфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.
Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд.