18 Чи дзы схайджын ис, уымӕн у царды бӕлас, чи йӕ хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты.
Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас.
Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Ныр адӕймаг сси Мах хуызӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы сты, уый зоны. Ӕмӕ ныр царды бӕласмӕ дӕр куы фӕныхила, йӕ дыргъӕй йын куы бахӕра ӕмӕ ӕнусмӕ куы цӕра».
Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.
Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕдарӕн куы не ’ххӕст кӕна, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕлмӕцгӕ кӕны, чи сӕххӕст ис, уыцы бӕллиц та — царды бӕлас.
Сабыр ныхас — царды бӕлас, сайӕн ныхас зӕрдӕйӕн — масты хос.
Зондамындыл фидар хӕц, ма йӕ ныууадз, хъахъхъӕн ӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ цард уый мидӕг ис.
Уӕдӕ мӕм байхъусут, сабитӕ: мӕ фӕндӕгтӕ чи хъахъхъӕны, уыдон тӕхудиаг сты!
Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!
Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.
сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.