14 уымӕн ӕмӕ уӕлзонд ӕвзистӕй пайдадӕр у, сыгъзӕринӕй фылдӕр ӕфтиаг ратты;
Сыгъдӕг сыгъзӕрины фӕдыл зилыны бӕсты уӕлзонд агурын — хуыздӕр, ӕвзаргӕ ’взист ӕмбырд кӕнынӕй зондыл ӕфтауын — хуыздӕр.
куы йӕм бӕллай, ӕвзистау ӕй куы агурай,
Мӕ дыргътӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй хуыздӕр, сыгъдӕг ӕвзистӕй ӕз фылдӕр пайда ’рхӕсдзынӕн.
Удӕгас лӕгӕн йӕ бынтӕй куыд пайда ис, афтӕ йӕ зондӕй дӕр.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.