Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Куырыхон ӕдылыимӕ быцӕу куы фӕкӕны, уӕд хъӕр ӕмӕ хынджылӕгӕй уӕлдай ницы фӕхъусы, пайда та дзы ницы вӕййы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:9
7 Iomraidhean Croise  

Зондцухыл, йе ’дылы зонд куы рафыцы, уыцы рӕстӕг сӕмбӕлыны бӕсты фӕлтау, йӕ лӕппынты кӕмӕн амардтой, ахӕм арсыл сӕмбӕл.


Ӕдылыйӕн зондцухау дзуапп ма дӕтт, науӕд дӕхӕдӕг дӕр уый хуызӕн суыдзынӕ.


Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц.


Ӕдзӕсгӕмттӕ сахар сызмӕнтынц, куырыхонтӕ маст басабыр кӕнынц.


Зондцухӕн йӕ ныхасы райдиан — ӕдылы ныхӕстӕ, йӕ ныхасы кӕрон — фыдбылыз хӕссӕг ӕррадзинад.


Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan