Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Рӕстуд мӕгуыр адӕмы хъаст нӕ рох кӕны, ӕнӕхуыцауы сӕ хъуыддаг ӕвзарыны мӕт нӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:7
16 Iomraidhean Croise  

Фӕхӕцӕг кӕмӕн нӕй, уыдонӕн фыд уыдтӕн, ӕнӕзонгӕйӕн-иу йӕ хъаст равзӕрстон лӕмбынӕг.


Кӕд ӕз, сылгоймагӕй уа, нӕлгоймагӕй, мӕ хӕдзары кусджыты бартӕ ницӕмӕ дардтон ӕмӕ сын сӕ хъаст не ’взӕрстон,


кӕд искуы сидзӕрмӕ мӕ къух систон, тӕрхон мӕ фарс кӕй уыдзӕн, уый ныфсӕй,


Ды — ме ’мбӕхсӕн фидар, фыдбылызӕй мӕ хъахъхъӕныс. Фервӕзын мӕ кодтай, ӕмӕ дуне мӕ алыварс байдзаг ис цинӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты зондамонӕн псалом.


Фыдгӕнджытӕ сӕ цард ӕрвитынц ӕдыхстӕй, сӕ мулкыл ӕфты, афтӕмӕй.


Мӕгуыр лӕджы тӕригъӕддаг хъӕр фехъусгӕйӕ, йӕхи чи ныкъкъуырма кӕны, уый йӕхӕдӕг дӕр искӕд бон хъӕр кӕндзӕн, фӕлӕ йӕ ничи фехъусдзӕн.


Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.


Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.


Ӕфсымӕртӕ, исчи тӕригъӕды куы бафта, уӕд ӕй сымах, Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕстӕ, сабырӕй раст фӕндагмӕ раздахут. Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕхӕдӕг дӕр уыцы къӕппӕджы ма бахауат.


Ме ’лдар мурмӕ дӕр ма дарӕд уыцы фыдӕбоны лӕджы, Навалы. Йӕ ном дӕр йӕ уӕлӕ куы ис — Навал, йе ’дылыдзинад йемӕ ис. Ӕз та, ме ’лдар, уынгӕ дӕр нӕ фӕкодтон де ’рвыст ӕххуырстыты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan