Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕлзонд чи уарзы, уымӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы; хӕтаг сылтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ хӕдзары исбон ныкъкъуыввитт кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:3
14 Iomraidhean Croise  

Соломоны ӕмбисӕндтӕ. Куырыхон фыртӕй йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы лӕппу та йӕ ныййарӕг мадӕн — масты хос.


Куырыхон лӕппуйӕ йӕ фыды зӕрдӕ райы, ӕдылы та ӕлгъ кӕны йӕ ныййарӕг мадыл.


Йӕ рӕстӕг цинты ’рвитын чи уарзы, уымӕн цӕрӕн фӕрӕзтӕ нӕ фаг кӕны; сӕн ӕмӕ зынаргъ сӕрдӕнтӕ чи уарзы, уый не схъӕздыг уыдзӕн.


Куырыхоны хӕдзары зынаргъ ӕвӕрӕнтӕ ӕвидигӕ сты, ӕдылы та сӕ ’нӕвгъауӕй хардз кӕны.


Мӕ лӕппу, куырыхон куы уай, уӕд мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн;


Зондджын у, мӕ лӕппу, мӕ зӕрдӕ дӕ куыд райа, афтӕ, ӕмӕ уӕд, ме ’фхӕрджытӕн цавӕр дзуапп раттон, уый зондзынӕн.


Йӕ зӕхх чи кусы, уый ӕфсӕст уыдзӕн, йӕ тутт бӕллицты фӕдыл чи зилы, уый та мӕгуырмӕ ’рцӕудзӕнис.


Зондджын лӕппу Хуыцауы ’гъдау ӕххӕст кӕны, ӕнӕуагтимӕ йӕ рӕстӕг чи ’рвиты, уый та йӕ фыды худинаг кӕны.


Хъахбай сылы фӕдыл куы ацӕуай, уӕд къӕбӕры фаг дӕр нал кӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ искӕй ус дӕ царды фӕдыл зилы.


Цалдӕр боны фӕстӕ кӕстӕр фырт, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый бамбырд кодта ӕмӕ йӕхи дард бӕстӕм айста. Уым ӕнӕуаг цард кодта ӕмӕ йӕ бынтӕ бахордта.


Фӕлӕ дын хъахбайтимӕ дӕ мулк чи бахордта, дӕ уыцы фырт та дӕм куыддӕр фӕзынди, афтӕ йын хӕрзхаст род аргӕвстай“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan