Ӕмбисӕндтӕ 29:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст26 Бирӕтӕ бӕллынц бӕстӕйы хицауы хорз зӕрдӕйы ахастмӕ, фӕлӕ адӕймагӕн Дунедарӕг у тӕрхонгӕнӕг. Faic an caibideil |
«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».