Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ӕмбисӕндтӕ 29:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Хуыснӕджы ’мбал йӕхицӕн знаг у: давӕджы куыд ӕлгъитынц, уый хъусы, фӕлӕ йӕ дзыхыл хӕцы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ӕмбисӕндтӕ 29:24
11 Iomraidhean Croise  

Зондамынд чи ницӕмӕ дары, уый йӕхицӕн знаггад ракӕндзӕн; уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый йӕ зондыл ӕфтауы.


Паддзахы маст — домбайы рыхын, дӕхиуыл ӕй куы бафтауай, уӕд дӕ тӕригъӕд дӕхи ныхмӕ рацӕудзӕн.


Хъахбайӕн йӕ сӕры зонд нӕй, йӕхӕдӕг йӕхи бабын кӕны.


Мӕ ныхмӕ чи сысты, уый та йӕхӕдӕг йӕхи сафы, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон уарзынц мӕлӕт».


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.


Амыдта сын: «Афтӕ фыст нӕу, ӕви: „Мӕ Хӕдзар Мын ӕппӕт адӕмтӕн кувӕн хӕдзар схондзысты“? Сымах та дзы абырджыты лӕгӕт сарӕзтат».


Иу хатт йӕ мадӕн афтӕ зӕгъы: «Мин ӕмӕ сӕдӕ шекелы дӕ ӕвзист куы фесӕфти, уӕд дын ӕз де ’лгъыст фехъуыстон. Уыцы ’хца мӕнӕ сты, ӕз сӕ райстон». Мад загъта: «Дунедарӕг арфӕ ракӕнӕд мӕ лӕппуйӕн!»


Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме ’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan